Предыдущая публикация
Мæ буц хъæбултæ, мæ худгæ хуртæ,
Уæ амонд уæд тыхджын !
Мæ уды фæндиаг уæ цардвæндæгтæ,
Кæрæдзийæ - ныфсджын.
Æртæ лæппуйы - Хуыцауы лæвар,
Дзырддзæугæ лæгтæ суыт!
Бахъахъхъæнæд уæ сыгъдæг Лæгты дзуар,
Зæрдæрухсæй цæрут .
Уæлдай дзаджджынæн Ыстыр Хуыцауæй
Чызг лæвар и мæнæн.
О, Мады - Майрæм, дæ уды хъармæй
Йæ хъысмæт уæд фæлмæн !
Цыппар хъæбулы - цыппар базыры,
Мæ удлæууæнтæ стут !
Мæ уды уадындз уæ цинæй зары,
Амондæфсæст мын ут.
Мæ фæдзæхстытæ уæ зæрдыл даргæ,
Уæ фидæнмæ цæут,
Зæххон дунейыл æнусы кармæ
Фæрнæйдзагæй цæрут !
01. 12. 2023..
Присоединяйтесь к ОК, чтобы посмотреть больше фото, видео и найти новых друзей.
Комментарии 3